Сарæзтой Иры мыггæгты Ныхас 

Фото #1 к материалу «Сарæзтой Иры мыггæгты Ныхас »
Фото #2 к материалу «Сарæзтой Иры мыггæгты Ныхас »
Фото #3 к материалу «Сарæзтой Иры мыггæгты Ныхас »
Фото: preview.ibb.co

Ирыстоны мин мыггагæй фылдæр ис. Уыдонæй  бирæтæн ис «Мыггаджы Ныхас». Уым хистæртæ фæхæссынц уынаффæттæ, фæдзурынц сæ абон æмæ сомбоныл, фæкæнынц кæстæртимæ хъомыладон куыст ирондзинад æмæ сæ фыдæлты уидæгтæм æввахсдæр кæнгæйæ. Цы ма уа хуыздæр мадзал фæлтæрты ‘хсæн бастдзинæдтæн? 

«Иры Стыр Ныхас»-ы бындурыл  тынг зæрдиаг æмæ хъæппæрисджынæй кусынц, абоны онг йæ мыггаджы Ныхас кæмæн ис, уыцы арфæйаг хистæртæ, æвзæрст лæгтæ. Мыггæгты комитеты сæргълæууæг Æгкацаты Юри архайы, цæмæй алы мыггаджы дæр уа Ныхас, мыггаджы куырыхон æмæ æгъдауджын хистæртæй кусой сæ кæстæртимæ. Ныр дæр «Иры Стыр Ныхас»-ы уыд  мыггæгты минæвæртты уæрæх æмбырд. Æрдзырдтой сæ дарддæры иумæйаг  куыстыл, мыггæгты æхсæн цы ахсджиаг фарстатæ ис, уыдоныл æмæ æндæр фарстатыл.   

Рагæй нырмæ æхсæнады царды  мыггагыл стыр хæс æвæрд уыд. Мыггаджы куырыхон хистæртæ кæстæртимæ  цы хъомыладон куыст бакæной, уый иунæг скъола æмæ институт дæр нæ бакæндзæн. Дзæгъæлы-иу  нæ бафарстой нæ фыдæлтæ адæймаджы  фыццаг йæ мыггагæй, уый фæстæ та йæ номæй. Уымæ гæсгæ абон дæр хъомыладон куыст кæнгæйæ фыццаджыдæр æнцой кæнын хъæуы мыггæгты Ныхасты хистæрты фæлтæрддзинад, фарн æмæ зонындзинæдтыл. 

Съезды уынаффæтæм гæсгæ «Иры Стыр Ныхас»- ы Координацион совет сфидар кодта Иры  мыггæгты минæвæрттæй Ныхас  саразын. Йæ уæнгтæ уыдзысты, алы мыггагæй дæр иу дзырддзæугæ æвзæрст лæг. Уыцы хъуыддагæн сын Кучиты Руслан радта дæс боны. Цы мыггаджы нæй Ныхас, æвзæрст лæг, уыдонæн бар нæй  «Иры Стыр Ныхас»-ы тæрхонтæ æмæ уынаффæтæ хæссынæн. Кучиты Руслан куыд загъта, афтæмæй «Стыр Ныхас»  дарддæр дæр кусдзæн йæ мыггаджы ‘хсæн æгъдауджъынæй йæхи чи равдыста, уыдонимæ. Мыггаджы ‘хсæн æгъдау сæвæрын сæ бон цы хистæрæн нæу, уыдон æнæхъæн Ирæн куыд хъуамæ уынаффæтæ кæной. 

Алы мыггаг дæр хъуамæ равзара иу дзырддзæугæ æгъдауылхæст  лæг æмæ уыдонæй сфæлтæрдзæн «Иры Стыр Ныхас»-ы Тæрхон. Ууыл дзырдæуыд раздæр дæр дзыллон хабархæссæг фæрæзты, адæмимæ фембæлдтыты. Æмæ сæ хъуыды цæрджыты  зæрдæмæ фæцыд.

  Цавæр тæрхоныл цæуы ныхас? Цæуыл æнцой кæндзæн? Тæрхоны лæгты размæ лæудзæн хæс ирон æгъдауы сæрты ахизгæйæ стыр æнæгъдаудзинад чи равдиса, адæмæн йæ æбуалгъ митæй знаггад чи хæсса, уыдонимæ. Йæ иннæ хæс уыдзæн адæмы ‘хсæн хæлардзинадыл кусын, фидауын сæ кæныны, цы  хъаст  сæм бахæссой, уый равзарын. Бæлвырд куыд у, афтæмæй адæм ныридæгæн дæр арæх æрбацæуынц æххуысагур,  рæстдзинадагур «Стыр Ныхас»-мæ. Тæрхоны дзырддзæугæ лæгтæ фидауын кæндзысты туджджынты дæр. Бинонты ‘хсæн арæх цы хъаугъа рауайы, уый аххосæй бирæтæ ахицæн вæййынц фылдæр хатт сæ фарсмæ фæлтæрдджын, зондамонæг хистæртæ сæ цæстуарзон ныхас, сæ арф хъуыдытимæ кæй нæ балæууынц, уый аххосæй дæр.  Тæрхоны лæгтæ архайдзысты дзыхы ныхасæй, зæрдæйы ахастæй, цæстуарзон уынаффæтæй архайыныл. Фæлæ уыдоны сæрты дæр чи ахиза, уыдонæн та цы мыггагæй сты, уыдон рахæсдзысты хъодыйы тæрхон – нал сын салам дæтдзысты, нал сæм сæ хъыгмæ дзурдзысты, сæ цинмæ хондзысты. Æмæ ма адæймагдзинады æууæлтæ кæмæ баззад, уымæн уымæй стырдæр æфхæрд цы хъуамæ уа. 

Æмбырды иннæ фарста уыд Мæздæджы районы «Стыр Ныхас»-ы хайады сæрдар, Гуццаты Фридоны хъуыды æмæ хъæппæрисæй цы орден бацæттæ «Адæмы хорзæх» ууыл бæстондæр æрныхас кæнын, лæмбынæгдæр ыл ахъуыды кæнын. Лæвæрд цæудзæн, «Стыр Ныхас»-ы номæй афæдзы кæрон ирон  адæмæн йæ хорз хъуыддæгтæй стыр лæггæдты чи бацыд, уыдонæн. 

Æмбырды раныхас кодтой Кучиты Руслан, Æгкацаты Юри, Багаты Васили, Гæлæбуты Мухтарбег, Гокоты Витали, Уырымты Петя, Касаты Георги,  Цорæты Мухарбег, Кцойты Гермæн, Гуццаты Фридон, Моргуаты Эдислав æмæ иннæтæ. 

Баунаффæ кодтой, иннæ æмбырды цы фарстатыл æрныхас кæндзысты, ууыл. Уыдонæй иу у иумæйагæй ирон бæрæггбæтты къæлиндарыл бакусын æмæ йæ сфидар кæнын.    Дарддæр дæр Мыггæгты комитеты размæ лæууы стыр æмæ вазыгджын хъуыддæгтæ.  Мыггæгтæй  Ныхас саразын кæмæн нæма бантыст, уыдонæн дæр ахсджиаг хъуыддагыл нымад æрцæуид, ацы арфæйаг хистæрты бафæзмын, Ирыстоны Мыггæгты Ныхасты фæлтæрддзинадыл æнцой кæнгæйæ. Мыггаг мæсыг у!   

 

Пресс-служба МОД "Высший Совет Осетин"



 
По теме
ПАМЯТКА «Телефонные мошенничества» Основные способы дистанционных хищений денежных средств, при которых мошенники вводят граждан в заблуждение посредством телефонных звонков: Вариант : (звонок сотрудника банка),
Моздокский район
В результате проведения комплекса оперативно-розыскных мероприятий сотрудниками Управления по контролю за оборотом наркотиков МВД по РСО-Алания задержана ранее судимая 47-летняя жительница г. Новороссийска,
ОМВД Республики Северная осетия-алания
Чем опасны клещи и как с ними бороться Иксодовые клещи – особое семейство клещей, включающее огромное количество разных видов, среди которых есть особо опасные кровососущие переносчики серьезных инфекционных заболеваний.
Роспотребнадзор
Туберкулез Туберкулез является широко распространенным инфекционным заболеванием человека и животных, вызываемым микобактериями туберкулезного комплекса (Mycobacteriumtuberculosiscomplex– МТВС).
Роспотребнадзор
В МОО рамках клуба «Мотиватор» прошла встреча с Амирханом Торчиновым - Iriston.Ru В Московской осетинской общине функционирует дискуссионный молодёжный клуб «Мотиватор», гостями которого становятся наши уважаемые соотечественники, делящиеся своим богатым жизненным и профессиональным опытом.
Iriston.Ru